Ковид сертификаттæ фæсарæнтæм бæлцуатæн

 

17 ноябрæй Гуырдзыстон цифрон Ковид-паспортты иууон тыгъдады баиу (EU Gateway-ы бæстæтæ) . Кæцы уый нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй лæвæрд Ковид-сертификаттæ вакцинацийы, инфекцийы бавзæрсты æмæ PCR тестиры тыххæй, нысангонд иууон тыгъдады сиу уыдзæн.

 

EU Gateway-ыл баиугонд бæстæты бæлцуатæн хъæугæ Ковид-сертификаттæ нæ бон у райсæм электорнонæй, æмæ уый тыххæй хъуамæ рафыссæм апликаци Georgia e-Health кæнæ юстицийы хæдзары райсæм COVID-19 документ мыхуыргонд хуызæй.

 

Georgia e-Health-ы апликаци æнцонвадат у:  

 

App store-ы https://apps.apple.com/us/app/georgia-e-health/id1590322048 

 

Google store-ы https://play.google.com/store/apps/details?id=com.moh.geehealth

 

Апликацийы рафысты фæстæ æмбæстаг хъуамæ рацæуа хуымæтæг регистраци æмæ вакцинациимæ бастгонд алы информаци, кæцы йæхи сæрмагонд фарсыл автоматиконæй разындзæн. Программæйы ма разындзæн информаци PCR тестиры æмæ Ковид-инфекцийы бавзæрсты тыххæй.

 

Апликаци  Georgia e-Health æмæ COVID-19 документ Гуырдзыстоны кусы куыд  «Цъæх паспорт».  

 

«Цъæх статус (паспорт)» Гуырдзыстоны пайда кæнынæн

 

1-аг декабрæй фæлхасгæнæгæн æрмæст цъæх статусы уæвыны цауы йæ бон уыдзæн бацæуын ахæм объекттæм: Уазæгдонмæ æмæ уым уæвæг æндæр объекттæ / Хæлцы объекттæ (ресторанты, кафеты, барты гом æмæ æхгæд тыгъдæдтæ - се ‘хсæн базарадон центрты уæвæг) / Кинотетртæ / Театртæ / Концертон залтæ / Оперæ / Ирхæфсæн объекттæ / Саморинетæ æмæ хъазæн бизнес объекттæ / Спа-центртæ æмæ фитнес залтæ / Хæххон курортты канаттæ.  

 

 

Фиппаинаг:

 

-       Цъæх статусы уæвын нæу æнæмæнгхъæугæ 18 азы онг гоймæгтæн

-       Æхсæнадон транспорты æмæ магазинты «Цъæх паспорт» æнæмæнгхъæугæ нæ уыдзæн.

-       Сабиты ирхæфсæн центыртæм цы хауы, уымæй «Цъæх паспорты» домынад архайдзæн æрмæст 18 азы карæй уæлдæр æмбæстæгтæн   

 

 

Цъæх статусы уæвæг гоймаг у:

 

- Æххæстæй вакциниргонд (кæнæ) 

 

-  72 сахатон валидуроны негативон дзуаппы PCR тесты уæвæг (кæнæ) 

 

-  24 сахатон валидуроны негативон дзуаппы антиген-тагъд тесты уæвæг (кæнæ)  

 

-  Ковид бавзарæг 

 

Фиппаинаг: кæд гоймагæн цъæх статус лæвæрд у уагъдгонд PCR кæнæ антиген-тагъд тесты бындурыл – цъæх статус урæд æрцæудзæн тесты æмгъуыды аивгъуыдæй

 

 

Кæд лæвæрд цæуы гоймагæн цъæх статус? 

 

-  Вакцинацийы дыккаг дозæйы ауагъды фæстæ

- Тестиры сæххæстгæнæг уагдоны ‘рдыгæй PCR æмæ антигены тагъд тесты негативон дзуаппы иууон бæрæггæнæнты системæйы æрывæрыны фæстæ   

-  Ковиды официалон сбæлвырдæй 14 боны фæстæ   

 

 

Фиппаинаг: кæд гоймаг аразы PCR æмæ антигены тагъд тесты, уæд уый æнæмæнгæй хъуамæ æрдома тесты аразæг уагдонæй бæрæггæнæнты баззæмæ бахæсса бæлвырдгæнæн QR коды документ. Ацы документ уый бахъæудзæн материалон хуызæй дæр æмæ нысан кæны, цæмæй апликацийы бæрæггæнæнтæ раноггонд сты.

 

 

Цы у цъæх паспорт?  

 

-  „CovidPass“ Georgia – апликацийы регистрацийы амалæй райсгæ QR код (кæнæ)

- covidpass.moh.gov.ge – сайтыл  регистрацийы амалæй райсгæ QR код (кæнæ)

- Гуырдзыстоны вакцинацийы центырты, клиникæты æмæ юстицийы хæдзæртты мыхуыргонд документы (Ковид документ) QR кодимæ (кæнæ)

 

- Евроцæдисы уæнг æмæ "EU Digital COVID Certificate" системæйы интегриргонд æндæр бæстæты официалон уагдоны ‘рдыгæй мыхуыргонд документы QR кодимæ кæнæ электронæй лæвæрд QR код

 

 

„CovidPass“ Georgia-йы апликаци æнцонвадат у куыд:  

 

App store-йы https://apps.apple.com/us/app/covidpass-georgia/id1590323605

 

æмæ 

 

Google store-йы

https://play.google.com/store/apps/details?id=com.zurarev.snackbccdb8523f3941c4aa06aff238ecf606

 

 

Фиппаинаг: Гуырдзыстоны æмæ фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстæгтæн, кæцытæн вакцинаци кæнæ тест уагъд ис фæсарæнты (нæ "EU Digital COVID Certificate" системæйы интегриргонд бæстæты) цъæх статусы райсын сæ бон у æрмæст арæныл рахызты фæстæ (нысаниуæг ын нæй кæд рахызт арæныл) „CovidPass“ Georgia – апликацийы кæнæ covidpass.moh.gov.ge – сайтыл регистрацийы амалæй (валидацийы код сæ бон уыдзæн райсын гуырдзиаг мобилуроны номырыл кæнæ электронон постæйыл). Æнæмæнгхъæугæ у гоймаг регистрацийы рæстæджы спайда кæна уыцы документ, кæцыйæ æрбахызти бæстæмæ.    

 

Фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстæгтæ, кæцытæн вакцинаци Гуырдзыстоны ис уагъд, апликацитыл  (Georgia e-Health; CovidPass Georgia) кæнæ covidpass.moh.gov.ge – сайтыл регистрацийы рæстæджы, æнæмæнгхъæугæ у спайда кæной уыцы документ, кæцыйæ ауагътой вакцинаци.  

 

 

Куыд скæнæм  цъæх паспорты валидаци? 

 

-  „CovidPass Georgia“ апликацийы QR кæсынимæ кæнæ   

 

-  covidpass.moh.gov.ge QR кæсынимæ

 

 „CovidPass Georgia“ апликацийы QR  кæсыны спайдакæнынæн хъæугæ у æрмæст апликацийы рафыссын, уæлæмхас зонæнты бахæссын нæ хъæуы   

 

Цавæр информаци исы валидатур QR коды бакæсгæйæ?

 

-  Гоймаджы фотонывы (кæд уый Гуырдзыстоны æмбæстаг у) æмæ ном æмæ мыггаджы инициалты 

 

-  Ифтонг кæны æви нæ гоймаг цъæх статусы 

 

-  Цы æмгъуыдæй ис гоймагæн лæвæрд цъæх статус (тесты цауы бавдыстгонд уыдзæн информаци кæд фæуд кæны гоймагæн цъæх статус)  

 

Фиппаинаг: covidpass.moh.gov.ge сайт æмæ „CovidPass Georgia“ апликаци ныртæккæ тестон режимы  кусы æмæ функционир кæнын райдайдзæн 1-аг декабрæй 

 

 

Кæдæм фехъусын кæнæм техникон згъуыды цауы?

 

  • 144 – хицауады иууон тæвд хахх   
  •   1505 – Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады тæвд хахх  
  •   1522 – вакцинацийы тæвд хахх  
  • 0800800909 - Гуырдзыстоны туризмы национ администрацийы тæвд хахх 
  •   Электоронон постæ: appsupport@ita.gov.g

 

      Georgia e-Health

 
 
 CovidPass Georgia